Беслæны культурæйы галуаны сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Дудиаты Оледжы юбилей
Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны дæсны кафæг æмæ разамонæг, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Дудиаты Олег. Уый фæдыл бæрæгбон сарæзтой Беслæны культурæйы галуаны. Архайдтой дзы нӕхи æмæ сыхаг республикæты аивадон къордтæ æмæ сгуыхт артисттæ. Юбилярæн арфæ ракодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Йæ курдиат Хуыцауæй лæвæрд. Афтæ зæгъæн ис нæ хъайтары тыххæй. Уæдæ йæ курдиатæй дæр спайда кæнын йæ къухы бафтыд. Йæ царды стырдæр нысæнттæ кафт æмæ сценæ кӕй сты, уый бамбæрста. Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, паддзахадон-академион ансамбль «Алан»-ы солист, адæмон къордтæ «Беслан» æмæ «Молодость Беслана»- йы разамонæг Дудиаты Олегыл сæххæст 50 азы. Юбиляры бæрæгбон сбæрæг кодтой концертæй. Суинаг артист кафын райдыдта сабийæ, хъомыл кодта аивадмӕ 'мхиц бинонты 'хсӕн, æмæ бамбӕрста, йӕ царды нысан сценӕ кæй у. Æрыгонæй райдыдта кафын «Аланы»,1995 азы та ӕрзылд зæххы къорийыл зынгонд труппæ Хъантемыраты бæхты циркимæ. Артист куыд зæгъы, афтæмæй уыцы рæстæг йæ зæрдæйы ахсы хицæн бынат. Кæд æмæ тынг уарзта бæхты цирк, уæддæр æппынфæстаг кафты фæндагыл ацыд. Æппæт адӕмон кæфтытæй Олегæн кæддæриддæр хæстæгдæг уыд ирон кафт. Йӕ райдианӕй абоны онг артист никуы фæфæсмон кодта. Йӕ цӕстыты цӕхӕр, йӕ кафты алы цӕрдӕг, арæхстджын фӕзылдæй рухс кӕны адӕмы зӕрдӕтӕ. Дудиаты Олегæн йӕ хорз ныхас чи бахæлæг кæна, ахæм адæймаг, ӕвӕццӕгӕн, нӕ разындзӕн. Абон дæр ын йæ уарзон адæмы 'хсӕн бæрæгбоны Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæджы номæй бакастысты арфæйы ныхæстæ. Фæсивæды патриотон хъомыладмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй сыхаг республикæйæ уазджытæ юбиляры схорзæхджын кодтой орденæй. Олег йæ къордтимæ гастролты цас уыд, уымӕн сæ нымæц зын зæгъæн у. Уымæ гæсгæ йын алы бæстæйы дæр ис бирæ зонгæтæ. Культурæйы галуаны иу уæгъд бынат дæр нал уыд, дуне адæмы æхсæн уыд Оледжы рагон зонгæ Турчы ирон цæрæг Пухаты Жале дæр. Мидхъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ кафтӕй равдисынæн хъæуы актеры курдиат. Уыцы миниуджытæ Олег æххæстæй равдисы, æмæ ууыл ахуыр кӕныныл архайы йæ къорды фæсивæды дæр. Фидæны Дудиаты Оледжы фæнды йæхи кафджыты скъола байгом кæнын. Æнæ гуырысхойæ ис загъæн, йæ цард кӕц снывонд кодта сценæ æмæ Ирыстоны культурæйæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны культурæйы галуаны сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Дудиаты Оледжы юбилей
Категория:
Новости и СМИ