Ахæм хабæрттæ // 2020 / 18 декабря
Сыхаг сыхаджы ныфсæй. Æфсæддон æмхæларады фæдыл æмæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинады сæраппонд Уæрæсейы æфсæддонтæй, Цхинвалы мобилон госпиталы адæмæн чи æххуыс кодта, уыдоны схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй. Тæмискъмæ фæхæццæ кæны, тагъд чи кусы, ахæм интернет. Хъæуы цæрджытæ бахатыдысты бæрнон кусджытæм æмæ сæм уыдон фæкастысты. Ныр ахсджиаг социалон лæггæдтæй пайда кæндзысты онлайн хуызы дæр. Сæ бындур ныззылд. Дзæуджыхъæуы халынц æнæзакъон арæзтæдтæ. Хивæндæй базарадон æмæ æндæр ахæм бæстыхæйттæ чи аразы, уыдоны уал иртасынц. Фæлæ сæ æфхæргæ та куыд кæндзысты? _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 18 декабря
Категория:
Новости и СМИ