Беслæны 6-æм скъолайы кусынц полилингвалон системæмæ гæсгæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Цæгат Ирыстон архайы регионты 'хсæн арӕзт проект «Куначество»-йы. Лæппу, ома хъан, цалдæр боны дæргъы фӕцæры æндæр бинонты 'хсæн. Базонгæ йæ кæнынц сӕ традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Фӕархайы бинонты царды. Проекты сæйраг нысан - сыхаг регионты æмæ æндæр адæмы хæттыты культурæ базонын. Сæрмагонд проекты ныридæгæн бацархайдтой 300 сывæллоны. Уыдонӕй сæ иутимӕ базонгæ ис не сфæлдыстадон къорд. Уазиты Зæлинæ бæлвырддæр радзурдзæн. Дегъуаты Дианæ цæры Кировы районы Ираныхъæуы. Ныртæккæ дæр ма йæ балцæй зӕрдӕ рухс кӕны. Æрæджы йе 'мкъласонтимæ уазæгуаты уыд Цæцæны республикæйы. Базонгæ ис нæ сыхæгты культурæ æмæ традицитимæ. Дианæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ цыд рауад тынг цымыдисаг. Сæ националон хæрингтæй аходгæ нæ, фæлæ ма се сцӕттӕ кæныныл дæр бацархайдтой. Цæгат Кавказы регионтæй се 'мгæрттимæ базонгæ уæвын фæсивæдæн сæ къухы бафтыд проект «Куначество»-йы руаджы. Ираныхъæуы скъола ныр цалдӕр азы архайы ацы проекты. Сывæллæттæ уазæгуаты ацӕуынц æнæзогæ бинонтæм, уыимæ ма æндæр адæмыхаттæй. Уадæ сæ уыдон сӕхӕдӕг дæр сæхимæ уазæгуаты ӕрбахонынц. Проект арæзт у рагон кавказаг æгъдауыл - хъаны ӕрвыст. Афтӕмӕй фæсивæд цалдæр боны дæргъы цæрынц бинонты 'хсæн, ӕмӕ ахæм хуызы бæстондæр базонгæ вæййынц сæ традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Бацархайынц сæрмагонд мадзæлтты. Проекты фæлгæты куы базонгæ вæййынц ӕндӕр культурӕимӕ, уӕд фæстæмӕ сæмбæлынц сæ хæдзæрттыл. Ныртæккæ проекты архайд рæстæгмæ бауырæдтой. Уымæн йӕ аххосаг у æвзæр эпидемиологон уавæр. Сывæллæттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ ныфс ис, хæстæгдæр рæстæг сыхаг регионтимæ дæрддæр кæй зонгæ кæндзысты, уымӕй. Уазиты Зæлинæ  _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны 6-æм скъолайы кусынц полилингвалон системæмæ гæсгæ

Категория:

Новости и СМИ