«Алани-Дзæуджыхъæу» рамбылдта мæскуыйаг командæ «Спартак-2»-йы 2:1 хыгъдимæ
Дзæуджыхъæуккаг «Алани» рамбылдта мæскуыйаг командæ «Спартак-2»-йы. Футболы национ лигæйы 11-æм матч ахицæн 2:1 хыгъдимæ. Афтæмæй «Алани» турнирон таблицæйы схызт 7-æм бынатмæ. Хъазт уыд цымыдисаг. Дыууæ командæйы дæр тыхджын разындысты. Футболуарзджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ командæйæ ныфс уыд. Уырныдта сæ, кæй рамбулдзысты, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Брытъиаты Феликс. «Аланийыл» æнувыд футболуарзджытæ тагъд кæнынц футболисттæм. Æрыгон спортсментæн хъазты размæ сæ ныфс фæфидар кæнын, нымайынц сæ хæсыл. Сæ рацыдмæ æнхъæлмæ кæсынц цингæнгæйæ. Футболисттæ рацæуынц. Иузæрдион сыл чи уыдоны уынд сын уæлдай æхсызгон у. Клубы автобус æнхъæлмæ кæсы. Ардыгæй спортменты фæдыл спортуарзджытæ араст сты «Спартак»-ы стадионмæ. Уым ацæудзæн мæскуыйаг командæ «Спартак-2» ныхмæ хъазт. Стадионы уæлхъус дæр командæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Мысыдысты, абарæн цæимæ нæй, уыцы æнкъарæнтæ. Се ппæты дæр фæнды фенын цымыдисаг хъазт. Сæттынц, бур-сырх уæлæдарæсы къорды уæлахизыл зæрдæ кæй дарынц, уый. Аренæмæ бацæуæн ис æрмæст билет райсгæйæ. Ацы хатт бирæ нæ уыдысты. Сæйраг арæнæйы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Бынæттæ ис хурныгуылæн фарс трибунæйы. Эпидемиологон уавæры тыххæй та Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæ бадомдта трибунæйæн æрмæст йе рдæг байдзаг кæнын. Æдæппæтæй 1 700 адæймаджы. Алайнаг фыранктæ футболистты размæ тæрынц. Сæ алы къахдзæфæн дæр сын аргъ кæнынц ацы спорты хуызмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон. Уæдæ къухæмдзæгъд дæр футболисттæн æвгъау нæ кæнынц. Хъазт райдыдта Спартакы размæбырстæй. Игнатов ныхæй-ныхмæ рацыд нæ дуаргæсмæ, фæлæ йæ цæф штангæйы рæзты ауад. Рæстдзæвиндзинад иу чысыл нæ фаг кодта Хосонты Хетæг æмæ Хæбæлаты Аланæн. Фæстæдæр бакъуырыны фадат уыд Ислам Машуковæн. Цалдæр цымыдисаг æмæ тæссаг уавæры ма æмæ 37-æм минутыл пурти смидæг «Спатакы» хызæджы. Дзæуджыхъæуккаг клуб хыгъд байгом кодта. Фыццаг гол йæхиуыл ныффыста Бутта Магомедов. Ахæм хъазт футболуарзджыты зæрдæмæ куыд нæ хъуамæ цæуа? Дыккаг таймы Алани бакъуырдта дыккаг пурти. Уый бантыст Гуырцъыты Батрадзæн. Спартак дæр фесгуыхт иу голæй. Бакъуырдтой пенальти. Хъазты кæрон дзæуджыхъæуккæгтæ уæлахиз сæ къухтæй нал ауагътой. Хыгъд 2:1. Æвдæм хъазт Алани хæрд нæ кæны. Иннæ матч дæр ацæудзæн Дзæуджыхъæуы 27-æм сентябры Тестильщикимæ. БФ. ПХ. ИЧ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Алани-Дзæуджыхъæу» рамбылдта мæскуыйаг командæ «Спартак-2»-йы 2:1 хыгъдимæ
Категория:
Новости и СМИ