«Роспотребнадзор» ы кусджытæ сбæрæг кодтой, дуканитæ æмæ хæрæндæттæ санитарон домæнтæ куыд æххæст кæ
Цæгат Ирыстоны маскæтæ дарыны уагæвæрд ахæсдзæн афæдзы кæронмæ. Уæрæсейы фæлхасадон цæдисы кусджытæ низæй хъахъæныны домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый сбæрæг кодтой республикæйы егъау дуканитæ æмæ хæрæндæтты. Инспектортæ сыл æрзылдысты, æркастысты тæвдбарæны сæрмагонд журналмæ, сбæрæг кодтой маскæты бæрц æмæ низæй хи хъахъхъæныны æндæр мадзæлттæм. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ коронавирусы низыл фæтых уæвыны фæрæзтæ нæ фендæрхуызон сты. Æрвылбон агъуысты уæлдæф хъæуы сыгъдæг кæнын, дымгæ куыд разила уаты, ууыл бацархайын. Фæнасын кæндзыстæм уæдæ уый дæр, æмæ маскæтæ дарыны фæтк нырма у æнæмæнг æххæст кæнинаг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Роспотребнадзор» ы кусджытæ сбæрæг кодтой, дуканитæ æмæ хæрæндæттæ санитарон домæнтæ куыд æххæст кæ
Категория:
Новости и СМИ