Кучиты Юрийы номыл 27 æм скъоламæ ссыдысты Санкт Петербургæй уазджытæ
Ихсæттæн нау «Арктикæ»-йы капитан, фæллойы хъæбатыр Кучиты Юрийы райгуырдыл ацы аз сæххæст 102 азы. Уыди Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы рауагъдон. Ныртæккæ ахуыргæнæндон хæссы йæ ном. Абон скъоламæ ссыдысты кадджын уазджытæ Санкт-Петербургæй. Бирæтæ дзы зонгæ уыдысты Кучиты Юриимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы. Кучиты Юрийы номыл скъолайы кæрты сæмбырд сты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, хицауады уæнгтæ, горæты администрацийы æмæ Кучиты мыггаджы минæвæрттæ. Æнхъæлмæ кæсынц кадджын уазджытæм Петербургæй. Делегацийы минæвæрттæ — Фӕллойы хъайтартӕ, Ленины номыл æмæ Фæллойы сырх тырысайы орденты кавалертæ, фыццаг къæпхæны капитантæ, Ленинграды цæрджытæ. Бирæтæ дзы зонгæ уыдысты Кучиты Юриимæ. Кадджын уазджытæн равдыстой скъола. Радзырдтой йын фидæны капитан сæ рауагъдон кæй уыд. Скъолайы алы уæладзыджы дæр хъайтары номыл ис номарæн стендтæ. Йе 'рыгон бонтæ кæм арвыста, уыцы къласы ныр йæ чызг Татьяна Тихомирова. Ацы бон уымæн у уæлдай ахджиаг. Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд арæх нæ дзырдта йæ сабибонты тыххæй. Кадджын фембæлд дарддæр ахæццæ æмбырдты залы. Делегаттæ æрымысыдысты цымыдисаг цаутæ. Се 'хсæн Татьяна Захарова, Кучиты Юрийыл фыст чиныг «Горный Орел»-ы автор. Уыдысты хæлæрттæ. Уазджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы разамонæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ æмæ Кучиты мыггаджы минæвæрттæ. Скъолайæн балæвар кодтой Кучиты Юрийы портрет, Пескаревы мемориалон комплексӕй блокадӕйы рӕстӕджы зӕхх æмæ блокадæйы тыххæй чингуытæ. Ахæм егъау мадзæлттæ хъæугæ сты æрыгон фæлтæрæн дæр. Цæмæй фӕсивӕд зона æмæ ма рох кæна Цæгатаг полюсы басæттæджы ном. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv