Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы фæзындзысты «Worldskills Russia»-йы домæнтæн дзуапп чи дæтты
Теоретикон зонындзинæдтæй куысты мидæг спайда кæнын. Ахæм фадат ис арæзтадон техникумы студенттæн. Суинаг амайджытæ нывыл кæнынц сæхи ахуырадон уагдоны æрмадзтæ. Афтæ, ахæм фæлварæны руаджы равдисдзысты сæ арæхстдзинад, уыимæ сног кæндзысты сæ агъуыстытæ. Ныридæгæн уал цавæр къæпхæныл сты, уый базыдтам. Ацы лæппутæ цалцæггæнæн гæрзтæй раст цымæ бирæ азты архайынц, афтæ рог у сæ къухайст. Сæрдынц къултæ, пъолтæ сыгъдæг кæнынц æмæ сæ цæттæ кæнынц даррдæры къæпхæнтæм, змæнтынц цалцæггæнæн сæрдæнтæ. Куыстытæ цæуынц Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы æртæ æрмадзы. Теоретикон зонындзинæдтæ бафидар кæнынæн ахæм практика у стыр ахъаз. Æрмадзтыл цæуы 45 азæй фылдæр. Кæддæр сæ арæзтой студенттæ. Ныр тæ бæстыхæйттæ сфæнд кодтой сног кæнын. Ам «Worldskills Russia»-йы фæлгæты байгом кæндзысты æртæ къабазы : «Архитектура», «Сухая штукатурка», æмæ «Кирпичная кладка». Ахуырадон уагдон ацы аз райсдзæн грант. Æхцайы фæрæзтæй самал кæндзысты нырыккон ифтонггæрзтæ. Техникумы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй куыстытæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Ацы аз фæнд кæнынц 3 компетенцийы дæр царды ауадзын ног уавæрты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv