Сунжæйы цæугæдоны сæрты хид ис заууат уавæры

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Сунжæйы хиды уавæр ныр рагæй тыхсын кæны цæрджыты. Донивылдтыты рæстæг доны бæрц зынгæ фæфылдæр вæййы æмæ хид куы ахæсса, уымæй тæссаг вæййы. Уавæр æцæг афтæ кæй у, уый фенынмæ Сунжæмæ абалц кодтой æппæадæмон фронты уæнгтæ. Сæ зæрдæ хиды уындæй нæ барухс. Уæдæ дзы не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр цингæнгæ нæ рацыдысты. Пырх уæлцъар æмæ заууат цæджындзтæ. Ацы хиды уавæр зæрдæхсаинаг рагæй у. Диссагæй дзы ницы ис - хид сарæзтой ивгъуыд æнусы 70-æм азты, бынæттон колхозы тыхтæй. 40 азы йыл цалцæггæнæджы æрмдзæф не `руад. Заууат ранмæ дæр уымæ `рцыд. Цæуын ыл тæссаг у. Афтæмæй та йыл æрвылбон дыууæрдæм кæнынц куыд рог, афтæ уæзласæн хæдтулгæтæ дæр. Хиды иннæ фарс - быдыртæ, стадион, спортивон фæз. Бынæттон цæрджытæ сагъæс кæнынц сæ сывæллæттыл. Хид канд аразгæ не скодта колхоз. Йæ уавæрмæ дæр ын уый каст. Фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ куыстуат нал ис 2015-æм азæй фæстæмæ. Закъонмæ гæсгæ хид хъæуы хыгъдмæ бахæссын æмæ йæ Горæтгæрон районы бæрны бакæнын. Уый иу хъуыддаг. Иннæ та ма цæугæдоны уавæр. Алы аз дæр дзы доны бæрц фылдæр кæны, суанг 2 метры онг фæбæрзонддæр вæййы. Пырх кæнынц хиды цæджындзтæ - ахæмтæ сты экспертты хатдзæгтæ. Хъуыддагмæ се 'ргом аздæхтой æппæтадæмон фронты минæвæрттæ. Активисттæ ацыдысты бынатмæ, аныхас кодтой цæрджытимæ, æркастысты хиды уавæрмæ дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æвæстиатæй йыл бакусын хъæуы, цалынмæ фыдбылыз не 'рцыд, уæдмæ. Уæвгæ, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм хабæрттæ дæр райхъуыст. Фæндæгты хæдзарады республикон комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй хид цалцæг кæнын райдайдзысты иннæ аз. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сунжæйы цæугæдоны сæрты хид ис заууат уавæры

Категория:

Новости и СМИ