Цæлыкк æмæ Заманхъулы дондзæуæн системæтæ сног кæнынæн рахай кæндзысты 17 милуан сомы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Нуазыны донæй цух кæй сты, уымæй Заманхъул æмæ Цæлыччы цæрджытæ фыццаг аз нæ тыхсынц. Хъæуты уынгтæн сæ фыдæр арæх вæййы æнæ донæй. Уый уымæн, æмæ хæтæлтæ се ’ппæт дæр сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Æрæджы сæм ныфс фæзынд, нуазыны донæй кæй бафсæддзысты. Республикæйы разамынд уыцы хъуыддагæн рахай кæндзæн 17 милуан сомы. Цалцæггæнæн куыстытæн хъæугæ гæххæтытæ цæттæ сты. Хъæуты базилдзысты дондзæуæн объекттæм æмæ ауадздзысты ног хæтæлтæ. Цæлыччы цæрджытæ нырыккон хæрзтæм нал бæллынц. Тæвд донæй зæгъæм. Уазал сæм куы цæуид æнæкъуылымпыйæ, уæд сын уый дæр цины хос уаид. Æнтæф бонты дон алкæй фаг нæ кæны. Æхсæвыгон ракæлы, æмæ уæд адæм сæ мигæнæнтæй иу дæр афтидæй нал ныууадзынц. Цы сæмбырд кæнай, уый дын – бонваг! Ахæм тухæнтæ цæрджытæ æййафынц алы сæрд дæр. Дон хæдзæрттæм нæ хæццæ кæны, уымæн æмæ донцъирæнты йе `мвæзад æрхауы. Уавæр фæхуыздæр кæнæн ис. Уый тыххæй хъæуы Фæныкдоны суадонæй дондзæуæн хæтæл рауадзын. Æмæ кæд суадон хъæуæй дард нæу, уæддæр æнæ æххуысæй уыцы хъуыддаг къухы нæ бафтдзæн. Уæдæ Заманхъулы дæр доны уавæр хуыздæр нæу. Кæд дондзæуæн хæтæлтæ 2008-æм азы цалцæггонд æрцыдысты, уæддæр хъуыддаг размæ нæ фезмæлыд. Хъæуы бæрзонддæр ранмæ дон нæ хæццæ кæны. Заманхъул æмæ Цæлыкк цæмæй донæй цух ма ’ййафой, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло республикон бюджетæй рахай кодта æхцайы фæрæзтæ. Цалцæггæнæн куыстытæм йæ хъус дардзæн Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Таматы Майрæн куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстытæ райдайдзысты хæстæгдæр дыууæ мæйы. Заманхъул æмæ Цæлыккы дондзæуæн хæтæлтæ банывыл кæныны мадзæлттæн Цæгат Ирыстоны хицауад рахай кæндзæн 17 милуан сомы. Заманхъулы базилдзысты дондзæуæн объекттæм, Цæлыччы та фæзындзæн ног дондзæуæн хæтæл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv