Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты рухс нæмттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты арæзт æрцыд акци «Æнæмæлгæ полк». Бацархайдтой дзы студенттæ, ахуыргæнджытæ, фæсивæды минæвæрттæ. Уымæй уæлдай институты кæрты æрбынат кодта æфсæдтон техникæйы равдыст. Зæлынц хæстон зарæджы зæлтæ. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бацархайæг хъæбатыр ахуыргæнджыты къамтæ сæ къухы хæсгæ ацыдысты «Æнæмæлгæ полчы» рæнхъыты. Мадзалы ма семæ бацархайдтой фæсиводон æмбырдты минæвæрттæ, №15, №3 æмæ математикон лицейы ахуырдзаутæ. Институты минæвæрттæ ацы бонмæ тынг цæсгомджынæй æмæ биноныгæй сæхи бацæттæ кодтой. Хæстон хъæбатырты рухс нæмттæ мысгæйæ, иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Студенттæ мадзалы фæлгæты бакастыты æмдзæвгæтæ, æнæмæнг, хæсты тыххæй. Мадзал æххæст уыд национ спортивон хъæзтытæй дæр. Кæрты æрбæстон сты æфсæддон-быдырон хæринагимæ бынæттæ. Хæрзад кас дзулы къæбæримæ. Ахæм уавæрты уæлдай ирддæрæй ис банкъарæн æцæг салдаты цард. Бæрæгбоны фæлгæты кæрты равæрдтой æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгарзы хуызтæ. Уый 58 æфсæддон хайы æмæ æфсæддон-патриотон хъомылады центры минæвæртты фæрцы. Акцийы архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æфсæддонты хъæбатырдзинад æппынæдзух зæрдыл дарын хъæуы. Уый у нæ алкæйы хæс дæр. Азæй-азмæ ацы бæрæгбонимæ баст кадджын мадзæлттæ иу кæнынц Уæлахидзауты фæлтæр кæстæр фæлтæримæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты рухс нæмттæ

Категория:

Новости и СМИ