Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ Цъæйы сарæзтой фæлтæрддзинад бæрзонддæргæнæн ахуыртæ
Цъæйы ацыдысты ирвæзынгæнджыты ахуыртæ. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы цауты министрады управленийы пресс-службæ. Транскавказы æмæ Цъæйы агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхайæдтæ хæххон уавæрты бакуыстой сæ арæхстдзинадыл. Сæрмагондæй æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, хохы фахсæй æдас ранмæ æрхастой хъыгдард баййафæг спортсмены. Фыццаг æххуыс ын бакодтой. Къахдзоныгътыл бырæн трассæйыл сноубордистты хъæуы уӕвын уæлдай къæрцхъусдæр. Специалисттæ зæрдыл лæууын кæнынц, хæхтæм цæуыны разæй спортивон кусæнгарзмæ цалдæр хатты æркæсын кæй хъæуы, уый. Ахуырты фæлгæты ма ирвæзынгæнджытæ агуырдтой, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны. Пайда кодтой бипертæй. Уый у, зæйы бын чи фæци, уыдоны агурæн аппарат. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны хæхты ныртæккæ тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ Цъæйы сарæзтой фæлтæрддзинад бæрзонддæргæнæн ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ