Цæгат Ирыстоны куыстдæттыны комитет скъоладзаутæн ссардта рæстæгмæ куысты бынæттæ
Цæгат Ирыстоны куыстдæттыны комитет рæстæгмæ куысты бынæттæ ссардта æнахъом сывæллæттæн. 14 азæй 18- азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн куысты бынæттæ рахай кодтой 1 мин 100 адæймагæн. Ныртæккæ Æрыдоны районы фæллой кæнынц 29 скъоладзауы, Æрæфы - 82, Дыгуры - 80 æмæ Мæздæджы районы - 89, Кировы районы та - 67. Сентябры та ахуырæй уæгъд рæстæджы ма фæллой кæнынмæ бавналдзысты 110 скъоладзауы. Мадзалы сæйраг нысан сывæллæтты фыдæбон кæнынмæ сразæнгард кæнын. Цæмæй сæ фидæны дæсныйад рагацау равзарой. Куысты бынæттæ фæсивæдæн дæттынц алыхуызон куыстуæтты, организациты. Ахуырдзаутимæ куыстдæттæг организацитæ бафыссынц фæллойадон бадзырд. Скъоладзаутимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Сæ æнтыстдзинæдты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Скъолайы алфамблай рæсугъд кæнынц, бандæттæ ахорынц, спортивон фæзы гæрзтæ дæр цалцæг кæнынц. Нартыхъæуы хистæркълассонтæ сæхи хъарутæй архайынц скъолайы аивдзинадыл. Сæрдыгон улæфæн бонтæ пайдаимæ арвитын æмæ сæхи фаг æхца дæр бакусын. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты ахуырдзаутæ. Нартыхъæуы скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыддаг сывæллæтты ахуыр кæны, фыццаджыдæр, куыст æмæ фæллой бауарзын æмæ йын аргъ кæнын. 2 сахаты куыд атæхынц, уый скъоладзаутæ æмбаргæ дæр нæ бакæнынц. Зæгъынц, зæгъгæ, æмбæлттимæ куыст тагъддæр æмæ хъæлдзæгдæрæй цæуы. Ахæм фæллойадон бригадæтæ ма ис Цыколайы фыццæгæм скъолайы. Кæрт сыгъдæг кæнынц хус кæрдæгæй, рувынц дидинджыты бын æмæ аив кæнынц скъолайы ’рбахизæн. Сывæллæттæ ам кусынц бон иу сахат. Куыстытæ цæудзысты 31 августы онг. Скъолайы разамынд зæгъы, фæллойадон бригадæтæн стыр нысаниуæг ис. Сывæллæттæ иумæйаг тыхтæй скъола кæй барæсугъд кæнынц, уый бирæйы аргъ у. Фæллойадон бригадæты бацархайын у алкæй бон дæр. Куыстдæттыны комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй куыст æрвылаз дæр вæййы. Бакусын чи сфæнд кæны, уыдоны нымæц дæр рæзы. Программæйы сæйраг нысан - скъоладзаутæн бауарзын кæнын фæллой кæнын. Афтæ хъуыды кæнынц куыстдæттыны комитеты. Сæ куысты хатдзæгтæ ныридæгæн сты зæрдæмæдзæугæ æмæ раппæлинаг. Ахæм сывæллæттæ дæнцæгæн хæссинаг кæй сты, уыимæ дæр сразы уæвæн ис. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны куыстдæттыны комитет скъоладзаутæн ссардта рæстæгмæ куысты бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ