Ново Георгиевское хъæуы цы зынгсирвæзтæрцыд, уый фæстиуджытæ иуварс кæнынц
Мæздæджы районы Ново-Георгиевское хъæуы цы зынгсирвæзтæрцыд, уый фæстиуджытæ нырма дæр иуварс кæнынц. Арт дзы бахъыгдæрдта 4 хæдзары. Кæмæн сæ уаттæ басыгъдысты, кæмæн та сæ саратæ. Мæздæджы районы бынæттон администрацийы зæрдæ вæрынц, адæмæн кæй баххуыс кæндзысты, уымæй. Дулаты Хазбийыл æрæджы цы æнæнхъæлæджы цау æрцыд, уый абоны хуызæн хъуыды кæны. Боны 4 сахатыл Хазбийы хæдзар æвиппайды арты уацары бафтыд. Нæлгоймаг ма фервæзын кодта, уыцы рæстæг скъæты цы фос уыдис, уыдон. Фæлæ йæхицæн дæр йæ къухтæ басыгъдысты. Дымгæ зынг кæцæй æрбахаста, уый хорз хъуыды кæны Дулаты Хазби, фæлæ цæй тыххæй æрцыд ацы æнæнхъæлæджы хъуыддаг, уый зæгъын йæ бон бæлвырдæй нæу. Æмæ æрмæст Дулаты Хазбийыл не `рцыд ахæм цау. Йæ фарсмæ цы 3 хæдзары ис, уыдоны дæр бахъыгдæрдта арт. Хæдзæрттæ сты быдыры раз, æмæ, сыхæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй хуымæтæг зынджы мур дæр ахæм фыдбылыз расайдтаид. Ново-Георгиевское хъæуы ахæм цаутæ арæх не сты. Фæлæ адæм хъыгдæрд тынг баййафынц. Фæйнæ 300 мин сæмы бæрц, кæнæ та сæрмагонд аразæн æрмæджытæ. Цæрджытæн сæ бон у равзарын, цавæр æххуыс сæ хъæуы, уый. Бирæтæ сразы сты æхцайы фæрæзтыл, иннæтæ та æнхъæлмæ кæсынц аразæн æрмæджытæм. Багаев Герман - Мæздæджы районы администрацийы цæрæнуæтты -коммуналон æмæ архитектурæйы хайады сæрдар: «Раст зæгъгæйæ, зын уавæры сты адæм. Фæлæ махæн нæ бон цы у, уымæй сын æххуыс кæндзыстæм. Мæнæ Дулатæн æрæджы рахай кодтам 300 мин сомы. Иннæтæн та дæттæм аразæн æрмæджытæ. Кæцыдæртæн та ма баххуыс кæндзыстæм ногæй сæ скъæттæ саразынмæ дæр». Зынгсирвæзт цæй аххосæй æрцыд, уый цæрджытæн сæ бон зæгъын нæу. Фæлæ Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, зынг чи хуыссын кæны, ахæм службæтæ Мæздæджы районы Ново-Георгиевское хъæумæ иу бонмæ цалдæр хатты рацыдысты арт хуыссын кæнынмæ. Сæйраг аххосаг - хус кæрдæг. Хур бонтæ кæй сты, уый тыххæй æрцæуы ахæм фыдбылызтæ. Цæрджытæ та ныртæккæ æфснайынц фыдбылызы фæстиуджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ново Георгиевское хъæуы цы зынгсирвæзтæрцыд, уый фæстиуджытæ иуварс кæнынц
Категория:
Новости и СМИ