Пятигорскы Юрий Чайкайы разамындæй ацыд сæрмагонд æмбырд
Пятигорскы видеоконференцийы хуызы арæзт æрцыд сæрмагонд Советы æмбырд Уæрæсейы Федерацийы президенты æххæстбарджын минæвары цур Цæгат Кавказы федералон зылды. Амыдта йæ Юрий Чайка. Æмбырды архайдтой дзуапдæттæг хицауады федералон оргæнты минæвæрттæ æмæ Уæрæсейы регионты разамонджытæ. Се 'хсæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстæгæнæг Сергей Меняйло дæр. Æркастысты чысыл æмæ астæуыккаг амалхъомады фарстатæм, фæсивæдон политикæ æххæст кæныны сæйраг хъуыддæгтæм, стæй хъазахъхъæгты змæлды райрæзты фарстамæ Цæгат Кавказы. Уыимæ ма Юрий Чайка йе 'ргом аздæхта короновирусы ныхмæ вакцинацимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пятигорскы Юрий Чайкайы разамындæй ацыд сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ