Къостайы проспекты цыбыр рæстæгмæ хъуамæ цалцæггонд æрцæуа трамвайты æфсæнвæндаг
Дзæуджыхъæуы, Къостайы проспекты цыбыр рæстæгмæ хъуамæ цалцæггонд æрцæуа трамвайты фæндаг. Уый Пашковскийы уынгæй суанг Нальчикская уынгмæ. Ныртæккæ дзы æвæрынц фæндаджы уæлцъар. Уымæй размæ ацы фæндаджы уаццагыл баивтой рельсытæ æмæ дзы бындур рагагъоммæ бацæттæ кодтой. Æдæпптæй куыстытыл бахардз кодтой 60 милуан сомы. Фæнддаггон фонды специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй боныхъæд куы амона, уæд куыстытæ хъуамæ фæуой цалдæр къуыримæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Къостайы проспекты цыбыр рæстæгмæ хъуамæ цалцæггонд æрцæуа трамвайты æфсæнвæндаг
Категория:
Новости и СМИ