«Кавказ» Хурыхъæу Малгобек Мæздæг» фæндаджы 70% бæрц цалцæггонд æрцыд
«Кавказ» - Хурыхъæу - Малгобек - Мæздæг» фæндаджы 70% бæрц цалцæггонд æрцыд. Уый тыххæй фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Мæздæджы районы фæндæгты инфраструктурæйы уавæр бæлвырд фæхуыздæр уыдзæн. Ныридæгæн фæндагыл конд æрцыдысты æппæт куыстытæ, зæххы уæлцъар ивынц. Объект æнæхъæнæй арæзт фæуыдзæн ацы азы кæрон. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ фæндаг цалцæггонд куы ’рцæуа, уæд Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ цæуыны рæстæг фæкъаддæр уыдзæн 40-50 минуты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Кавказ» Хурыхъæу Малгобек Мæздæг» фæндаджы 70% бæрц цалцæггонд æрцыд
Категория:
Новости и СМИ