Ирон театры сценæйыл уыд премьерæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Иронау сдзырдтой сывæллæтты уарзондæр хъайтартæ. Ирон академион театры сценæйыл - премьерæ. Адæмы рæгъмæ хæссынц спектакль Бременаг музыканттæ. Ног хуызы йыл бакуста ирон æмæ дыгурон театрты режиссер Хъæцмæзты Ацæмæз. Чысыл аивадуарджыты зæрдæтæ йæ куыст балхæдта. Трубадур æмæ йæ хæлæрттæ - куыдз, гæды, уасæг æмæ хæрæг. Бремены музыканттæ. Сывæллæтты уарзондæр хъайтартæ абон сдзырдтой иронау. Сæ хабæрттæ сын чи нæ зоны. Æддейы куы баззадысты, уæд сфæнд кодтой Бременмæ абалц кæнын. Бафæндыд сæ сæхи музыкантты хуызы бавзарын. Суанг ма паддзахы галуанмæ дæр хъазт саразынмæ араст сты. Фæндагыл сæмбæлыдысты лæбурджытыл-абырджытыл. Сфæнд кодтой къаролы адавын. Сбастой æй хъæды бæласыл. Уæдмæ айхъуыст Трубадуры зарæг. Зары йæ уарзондзинады тыххæй принцессæмæ. Къарол ын лæгъстæ кæны, цæмæй йæ фервæзын кæнын. Куы йæ суæгъд кодта, уæд галуаны сарæзтой хъазт. Фæлæ Трубадуры хæлæрттæн галуанмæ бацæуыны бар нæй. Ахæм хуымæтæг сюжетмæ ног цæстæй æркæсын сфæнд кодта ирон æмæ дыгурон театрты режиссер Хъæцмæзты Ацæмæз. Хъуыстгонд уацмысыл бакусын æм цымыдисаг фæкаст. Бремены музыканттæ цæхæртæ скалдтой ног ахорæнтæй. Адæймаг дзы хъусы индиаг мелодитæ. Аргъауы хъайтартæ сæ уды арфдæр сыфтæ райхæлдтой, куыд никуыма уыдис, афтæ. Æрыгон театрдзаутæн спектакль сæ зæрдæтæ барухс кодта. Мультипликацион кинонывы хуызы йæм чи нæ каст, иу ахæм, æвæццæгæн, нæй. Уымæ гæсгæ сын уæлдай æхсызгон уыд сæ зонгæ хъайтарты ногæй фенын. Ацы хатт - сценæйыл. Спектаклы рæстæг залы сабитæ бадтысты, иу бадæн бынат се `хсæн цух, афтæмæй. Санитарон домæнтæм гæсгæ. Се 'ппæтæн дæр радтой маскæтæ. Фæлæ сын уый дæр сæ зæрдиаг æнкъарæнтæ не `рмынæн кодта. Бремены музыкантты ирон театры сценæйыл ма ногæй фенæн уыдзæн райсом дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон театры сценæйыл уыд премьерæ

Категория:

Новости и СМИ