Рухс федта Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæты æмæ прозæйы æмбырдгонд
«Цъæхдзаст изæртæ». Ахæм сæргондимæ рацыд ирон фыссæг æмæ поэт Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæты æмбырдгонд. Бирæ азты йыл фыдæбон кодта рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан. Бахаста йæм поэты æппæты хуыздæр æмдзæвгæтæ. Чиныг адæмы рæгъмæ рахастой Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ. Тъехты Тамерлан бирæ азты фыдæбон кодта Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæты æмбырдгонд рауадзыныл. «Цъæхдзаст изæртæ», зæгъгæ æмбырдгонд абон адæмы рæгъмæ рахастой республикæйы фысджыты цæдисы. Чиныгмæ бахастой поэты хуыздæр уацмыстæ. Цæрукъаты Алыкскандр у зындгонд ирон поэт æмæ литературон классик. Йæ фыццаг куыстытæ мыхуыры рацыдысты 1933 азы. Йæ прозæ æмæ поэзийы æмбырдгондтæм хауынц «Утренние песни», «Радуга», «Колыбель жизни», «От отца к сыну» æмæ æндæртæ. Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстады хицæн бынат ахстой сывæллæттæн фыст уацмыстæ. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Агния Барто, Корней Чуковский, Джанни Родари æмæ бирæ æндæр зынгонд фысджыты æмдзæвгæтæ æмæ прозæ. Чиныг «Цъæхдзаст изæртæ» рацыд хæрзæрæджы 300 экземпляры бæрц. Уæлдай бынат та дзы ахсынц Фыдыбæстæмæ уарзондзинады тыххæй æмдзæвгæтæ. Фæнысан ма кæндзыстæм, уый æмæ Техты Тамерлан Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстадыл ныффыста филологон наукæты дессертаци дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv