Мадæлты капиталæй бафидæн ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Пенсион фонд адæмы зæрдыл лæууын кæны, мадæлты капиталæй бафидæн кæй ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр. Капитал ис схардз кæнæн скъолайы агъоммæйы ахуырадыл. Уый тыххæй сывæллоныл æртæ азы сæххæстмæ æнхъæлмæ кæсын ныр нал хъæуы. Уыимæ, мадæлты капиталæй бафидæн ис æмдзæрæны аргъ, кæд студент æндæр горæты цæры, уæд. Сертификаттæ цы программæмæ гæсгæ дæттынц, ууыл ис стыр хæсæвæрд. Йæ нысан у бæстæйы демографион уавæр фæхуыздæр кæнын. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæг ноггуырдты нымæц кæны фылдæр. Ныййарджытæн сæ фылдæры фæфæнды æхцайы фæрæзтæ схардз кæнын сæ цæрæнуæттæ фæхуыздæр кæныныл, стæй сæ хистæр сывæллæтты ахуырадыл. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фиддонты бæрц ацы аз у 466 мины æмæ 617 сомы. «Зæгъæм, ныййарджытæ фæнд кæнынц сæ сывæллонæн скъолайы агъоммæйы ахуырад раттын. Ныхасæн, англисаг æвзаг сахуыр кæнын. Кæд уыцы куыстуатмæ хъæугæ сертификаттæ ис, уæд мадæлты капиталы фæрæзтимæ æрбацæуынц махмæ. Уæлдæр ахуырадон уагдæттæм æнæмæнг хъуамæ уа сертификат. Æхцайы фæрæзтæй бафидæн ис æмдзæрæны аргъ, кæд студент æндæр горæты цæры, уæд», - РЦИ-Аланийы Пенсион фонды хайады разамонæджы хæдивæг Федор Великий. ________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мадæлты капиталæй бафидæн ис бинонты кæцыфæнды сывæллоны ахуырæн дæр

Категория:

Новости и СМИ