«Зарядка с чемпионом» акци ацыд Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы
«Зарядка с чемпионом» акци абон райдыдты Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы ахуыргæнинæгтӕн. 7-æм къласы ахуырдзаутимæ спортивон-дзæбæхгæнæн зарядкæ сарæзтой зындгонд спортсментæ. Се 'хсæн Гуыцмæзты Майæ – спорты дæсны, Европæйы ерысты æвзист майданы хицау фехтованийæ. Плиты Сæрмæт – лигæ Колизейы чемпион грэпплингæй. Саламты Алан – спорты дæсны, Цæгат Кавказы федералон зылды 3 хатты чемпион тайаг боксæй. Мадзал аразæг у Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитет. Скъоладзаутæн балæвар кодтой спортивон дзауматæ дæр. Спортсментæ куыд загътой, афтæмæй ахæм акциты архайын æхсызгон у, уымæн æмæ фæсивæды сразæнгард кодтой сæ спортивон цæттæдзинад фæуæлдæр кæнынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Зарядка с чемпионом» акци ацыд Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы
Категория:
Новости и СМИ