Раздзоджы æрыгон фермер райста грант фыстæ дарынæн
Тушинаг мыггагæй фыстæ сты æнцондарæн æмæ фæразон. Æрыгон фермер Мсойты Зауырбег сæ Раздзоджы дарын райдыдта афæдзы размæ. Фос самал кæнын ын бантыст гранты руаджы. Хъæууон хæдзарады министрады Зауырбегæн рахай кодтой 3 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæй балхæдта 350 сæры. Фæстаг азты фысты нымæц республикæйы зынгæ фæфылдæр. Фермертæ арæхдæр фыстæ дарын цæй руаджы райдыдтой, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Ацы хæдзарад кæд нырма æрæджы райдыдта кусын, уæддæр кæны æнтыстджын къахдзæфтæ. Ныридæгæн æрыгон фермер Мсойты Зауырбеджы фермæйы ис 350 фысы, уæрыччытæ та сты 70-йæ фылдæр. Лыстæг фосмæ зилынц бинонтæ иууылдæр. Суанг ма сын сæ хиуæттæ дæр æххуыс кæнынц. Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй фосдарыны куыст æнцон нæу. Хъæуы сын бирæ рæстæг æмæ хъару. Æрыгон фермермæ ис фыстæ тушинаг мыггагæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы мыггаг фæзынд Дагестан æмæ Гуырдзыстоны ' хсæн хæхты. Сты æнцондарæн. Хорз хæринаг ссарынæн сæ бон у 400 кæнæ 500 километры онг абалц кæнын. Раздзоджы сæрвæттæ сты ацы мыггагæн. Фыстæ дарыны руаджы Мсойты Зауырбегæн йæ бон у йæ бинонты фæдарын. Хъæуы куыст нæй, æмæ уымæ гæсгæ хъæууон хæдзарады æххуысæй фарста ис райхалæн. 2019 азы Зауырбег ацыд профилон министрадмæ. Райста грант 3 милуан сомы бæрц. Уыцы фæрæзтæй самал кодта лыстæг фос. Республикæйы сæрвæттæ фыстæ дарынæн хорз сты. Фосы нымæц фæфылдæр кæнын, стæй экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци уадзын. Фысы æмæ сæгъы дзидза, æсхыр æмæ рог промылшенностæн хомаг- къуымбил æмæ цæрмттæ. Фæстаг æртæ азы Цæгат Ирыстоны фысты нымæц рæзы. Нæ бон æй фенын у графикæйыл дæр. Кæд æмæ 2017 азы сæ нымæц 13 мин æмæ æмбисæй фылдæр нæ уыд, уæд 2 азы фæстæ, 2019 азы систы 62 мины. Фарон уыцы нымæц сси 74 мины. Фермертæ арæхдæр райдыдтой фыстæ дарынæй сæхи хатын. 2020 азы хъæууон хæдзарады министрад рахай кодта 4 гранты фыстæ дарынæн. Æмæ дарддæр дæр сæ нымæц кæндзæн фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Раздзоджы æрыгон фермер райста грант фыстæ дарынæн
Категория:
Новости и СМИ