Спутникмæ цы фæндаг цæуы, уый 11 азы дæргъы ис заууат уавæры
Посёлок Спутникмæ цæуы æрмæст иу фæндаг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ йæм æркаст никуы уыд. Фистæгцæуджытæ æмæ шофыртæ уынгæджы сты. Къуыппытæ, дзыхъхъытæ æмæ цъымараты сæрты хизынæй бафӕлладысты. Ныр 11 азы дæргъы курдиæттæ æрвитынц алы инстанцитæм, фæлæ уавæр хуыздæр нæ кæны. Фарон фæндаджы хай Дзæуджыхъæуы бæрны бакодтой. Уавæрмæ лыстæг æркастысты нæ уацхæсджытæ. Спутникы посёлочы цæрджыты сæ фæндаджы уавæр рагæй тыхсын кæны. Къуыппытæ, дзыхъхъытæ æмæ цъымараты сæрты хизынæй бафӕлладысты. Посёлокмæ æндæр фæндаг нæй. Шофыртæ æмæ цæрджытæ курынц, цæмæй йæ бындуронæй рацаразой. Фæндаг иу кæны Горæтгæрон район Дзæуджыхъæуимæ. Хæдтулгæты змæлд иу уысм дæр не `рлæууы. Уæдæ дæ хæдтулгæ кæм ныууадзай, ахæм бынат дæр не ссардзынæ, зæгъгæ, зæгъынц цæрджытæ. Хатгай фæндагыл тагъд æххуысы къареты размæ цæлхдуртæ фæзыны, æмæ дохтыртæ ныффæстиат вæййынц. Посёлочы цæрджытæ фæндаджы уавæр фæхуыздæр кæнын рагæй курынц. Фæлæ 11 азы дæргъы иу бæлвырд дзуапп никуы райстой. ХЪуыддаг равзарыныл нæхæдæг бацархайдтам. Хъæугæ информаци базоныны тыххæй бахатыдыстæм горæты администрацимæ. Ныр цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц æхсызгон ивддзинæдтæм. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы аив æмæ æнцонвадат уынгтыл кæй цæудзысты, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv