280 милуан сомæй баххæст кæндзысты, цæрæнбынат æлхæнгæйæ сайды чи бацыд, уыдоны хæрдзтæ
280 милуан сомæй баххæст кæндзысты, цæрæнбынат æлхæнгæйæ сайды чи бацыд, уыдоны хæрдзтæ. 2013 азы бадзырд бафыстой арæзтадон компани «Лея»-имæ. Ныр организаци банымадтой банкротыл. Æрдæгарæзт хæдзар та банымайдзысты бæрæгзæххыты райрæзты фонды исбоныл. Иумæйаг реестрмæ гæсгæ республикæйы баззад 6 объекты, сæ амалгæнджытæ сайды кæмæн бацыдысты, ахæмтæ. Дыууæ хæдзары фæдыл ныридæгæн рахастой арæзтад кæронмæ фæуыны уынаффæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv