Цæгат Ирыстоны райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны рæстæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Уæрæсейы райдыдта Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты сæйраг къæпхæн. Абон рауагъдонтæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой хими, литературæ æмæ географийæ. Фæлварæндæттæн пункттæ æппæт санитарон домæнтæн дзуапп лæвæрдтой. Суинаг химиктæ æмæ дохтыртæ. Рауагъдонтæ цæуынц ацы азы фыццаг фæлварæн дæттынмæ. Афæдзы дæргъы хиуыл куыст æмæ цæттæкæнынад. Абон сбæрæг кæндзысты сæ зонындзинæдтæ. Икъаты Эрикæйы йæ сабибонтæй фæстæмæ фæндыд дохтыр суæвын. Химийæ уæлдай ма дæтдзæн биологи æмæ уырыссаг æвзаг. Чызг фидарæй уыцы хъуыдыйыл хæст у, æмæ æнтыстдзинæдтæ къухы кæй æфтынц, æрмæст арф зонындзинæдты фæрцы нæ, фæлæ ма адæймагæн йæ зæрдæйы ахасты руаджы. Рауагъдонтæн æрбахизæны барынц сæ тæвд. Скъоладзаутæм æнæнхъæлæджы цауты рæстæг фæкæсынæн, стæй уæд мидтыхстыл фæтых уæвынæн, хъус дарынц психологтæ. 11-æм къласонтæ ацыдысты аудиторитæм, ссардтой сæ бынæттæ. Сæ цуры æрмæст ручкæтæ, калькулятортæ æмæ сыгъдæг сыфтæ. Æртæ сахат æмæ ’рдæгмæ хъуамæ райхалой 35 хæслæвæрды. Сæ ныфс дарынц æрмæст сæ зонындзинæдтыл. Суинаг абитуриентты ныфс бауадзынмæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ. Бирæтæ æнхъæлмæ кæсынц фæлварæны кæронмæ. Сæттынц ыл, сæ хъæбултæй къаддæр кæй нæ тыхсынц, уый. Ацы аз республикæйы ЕГЭ ратдзысты 4 мин рауагъдоны бæрц. Уыдонæй 3,5 мин сывæллоны скъола фесты каст ацы аз. Аттестат райсын та 11-æм къласонтæн уыдзæн æнцондæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны рæстæг

Категория:

Новости и СМИ