Бæстæйы хицауад фæфылдæр кодта, хæсты ветеранты æвдисæндартæ кæмæн æмбæлы, уыдоны номхыгъд
Бæстæйы хицауад фæфылдæр кодта, хæсты ветеранты æвдисæндартæ кæмæн æмбæлы, уыдоны номхыгъд. Ныр ахæм статус ратдзысты, 2014-æм азы 11-æм майæ фæстæмæ Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты æфсæддон иугæндты бархионтæ чи уыд, уыдонæн. Уымæй уæлдай ма сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ контракт чи бафыста, уыдонæн. Се 'ппæтæн дæр раттдзысты иу хуызы гæххæт. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ветерантæ стæй сæ бинонтæн æмбæлы алыхуызон льготæтæ, зæгъæм, исбонады хъалон æмæ коммуналон лæггæдтæн фидгæйæ. Уæдæ ма сын æмбæлы æрвылмæйон фиддонтæ дæр.