Дигорайы сывæллæтты 5 æм рæвдауæндон кусын райдыдта æнæниздзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ
Дыгуры районы 10 рæвдауæндоны кусын райдыдтой. Сæйраг домæн - Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæ æххæст кæнын. Дигорайы 5-æм рæвдауæндоны ныридæгæн ис 24 сабийы. Æрбахизæны сын сбарынц сæ буары тæвд, сæ къухтæ сын сæрмагонд таддзагæй ныссæрфынц. Пандемийæйы фæстæ сывæллæттæ рæвдауæндонмæ цæуын райдыдтой. Цин кæнынц куыд сабитæ, афтæ ныййарджытæ дæр. Тебиаты Зæринæйæн ацы рæвдауæндонмæ æрбахуыдта йæ 2 сывæллоны. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй у тынг разы. Хъомылгæнджытæ сæ зонындзинæдтæ сабитæн лæвар кæнынц цæстуарзонæй. Санитарон домæнтæ æххæст кæнын у сæйрагдæр нысан, уæлдайдæр та сывæллæттимæ кусгæйæ. Ахæм хъуыдыйыл хæст у рæвдауæндоны сæргълæууæг Гæзæлты Аллæ. Уыцы домæнтæм гæсгæ арæзт у рæвдауæндоны алы къабазы куыст дæр, цæмæй сабитæ сæхи хорз æнкъарой. Дыгуры районы цы 10 рæвдауæндоны ис, уыдон ногæй кусын райдыдтой, æмæ рæстæг куыд домы, афтæмæй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæ æххæст кæнгæйæ. 5-æм рæвдауæндоны уал ныртæккæ ис 24 сабийы. Иннæты дæр сабиты нымæц сабыргай фылдæр кæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дигорайы сывæллæтты 5 æм рæвдауæндон кусын райдыдта æнæниздзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ
Категория:
Новости и СМИ