Цæгат Ирыстоны экономикæ фæфидардæр кæнынæн спайда кæндзысты уæлæмхасæн фæрæзтæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

4 года назад

Цæгат Ирыстоны экономикæ фæфидардæр кæнынæн спайда кæндзысты уæлæмхасæн фæрæзтæй. Санкциты аххосæй цы уавæр сæвзæрд уый экономикæйыл ахады. Уый хынцгæйæ Оперативон Штабы уæнгтæ дзырдтой æххуысы мадзæлттыл республикæйæн. Æмбырд амыдта Сергей Меняйло. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ Уæрæсе цы зындзинæдтимæ фембæлд, уыдоны сæрты хъæуы сæрыстырæй ахизын. Экономикон райрæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров куыд радзырдта, афтæмæй бакуыстой закъоныпроекттыл. Уыдон хорзы 'рдæм сахаддзысты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадыл. Уæлдай æххуыс уыдзысты экономикон уавæр фылдæр цы куыстуæттæ бахъыгдæрдта, уыдонæн. Радон хатт та Сергей Меняйло йе `ргом аздæхта æхсæнадон ахадындзинад цы базайрæгтæн ис, уыдоны æргътæм кæсынмæ. Дзуапдæттæг министрады специалисттæ мониторинг кæндзысты. Уымæй уæлдай бюджеты ахсджиаг хæрдзтæ сбæлвырд кæндзысты. Хъæууон-хæдзарады къабазы архайдмæ хъæуы уæлдай æргом аздахын. Æххуысы хуызы фермертæн райсæн уыдзæн кредиттæ льготæимæ. Федералон бюджетæй субсидитæн радих кодтой 10 миллиард сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv