Хъамболты Марат сси Курчатовы номыл институты директор
Хъамболты Марат сси Курчатовы номыл институты директор. Уый тыххæй бардзырд бафыста премьер-министр Михаил Мишустин. Хъамболты Марат цалдæр азы уыд Националон иртасæн центры вице-президент. Уый размæ та куыста, федералон антимонополон службæйы æмæ промышленносты министрады. 2006 азы уыд наукæ æмæ инновациты Федералон агентады разамонæджы хæдивæг. 2010-æй 2014-æм азмæ та куыста Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæгæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv