Уыналы кадджын уавæры байгом кодтой ног фелсырон-акушерон пункт
Медицинон лæггæдтæ ног хуызы. Уыналы цæрджытæ ахæм хорзæхæй фæхайджын сты. Абон дзы кадджын уавæры байгом кодтой ног медицинон уагдон. Фыццаг æххуыс райсын сын ныр уыдзæн æнцондæр. Цæмæй сифтонг кодтой ног фелсырон-акушерон пункт æмæ куыд ацыд кадджын мадзал, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Уыналы ныртæккæ цæры 121 адæймаджы. Ног фелсырон-акушерон пункты байгоммæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фелсыр Хъайттаты Валентинæ Уналы кусы 38 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй раздæр сын бынæттон администраций рахай кодтой бынатæмæ уым къуылымпыдзинæдтимæ куыст кодтой. Кусынæн дзы æмбæлгæ уавæртæ нæ уыд. Ног фелсырон-акушерон пунк кæй байгом ис, уымæй цæрджыты зæрдæтæ дæр барухс сты. Уый фæдыл ма бæрæгбон дæр сарæзтой. Куыд æмбæлы, афтæ алыг кодтой сырх лент æмæ ног бынатæн ракуывтой 3 чъирийæ. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен. Бынæттон цæрджытæн ракодтой арфæйы ныхæстæ, медицинон лæггæдтæ сын амæй фæстæмæ ног уавæрты кæй кæндзысты, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны «Уæрæсейы национ проектты» фæлгæты байгом кæндзысты 36 фелсырон-акушерон пункты. Дæрддзæф хæххон хъæуты та тагъд рæстæг скусдзысты мобилон фелсырон пункттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уыналы кадджын уавæры байгом кодтой ног фелсырон-акушерон пункт
Категория:
Новости и СМИ