Алагиры поликлиникæйы разамонæг Хуыгаты Заремæ йæ дæсныйады уæндон къахдзæвтæ кæны
Алагиры поликлиникæ у раззагдæртæй иу, ардæм районы æппæт цæрджытæ æрбацæуынц сæ низ рабæрæг кæнынмæ. Кусынц дзы фæлтæрдджын дохтыртæ. Сæ зонындзинæдтæй хай кæнынц æрыгон специалисттæн дæр. Поликлиникæйы разамонæгæй Хуыгаты Заремæ кусы 2 азы. Йæ хæс куыд æххæст кæны, уый баззыдтам мартъийы мæй, фæлæ коронавирусы низ кæй апарахат, уымæ гæсгæ æрмæг фæфæстиат. Хуыгаты Заремæ æппæты фыццаг рынчындоны кусын райдыдта статистикæйы дохтырæй. Йæ арæхстдзинад æмæ тырнындзинады фæрцы йæ дæсныйады уæлдæр къæпхæнмæ сабыргай хизын райдыдта. Цыфæнды фарстайы фæдыл дæр ын æххуысгæнджытæ кæдфæндыдæр уыд. Йæ фарсмæ цы зæрдæхæлар адæм кусы, уыдон дæр ын цæстуарзонæй бацамыдтой йæ куысты фæзилæнтæ. Æрыгон специалист Хуыгаты Заремæ алы пациенты зæрдæмæ дæр æнцонæй ссары фæндаг. У фæлмæн æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Дзугкойты Симæ 15 азы дæргъы цæуы ацы рынчындонмæ, æмæ куыд бафиппайдта, афтæмæй Заремæ йæ куысты у фæзминаг. Хуыгаты Заремæ дыууæ азы бæрц кусы Алагиры центрон поликлиникæйы разамонæгæй. Уæдæй нырмæ уыцы егъау хæс æххæст кæны бæстон æмæ лæмбынæгæй. Дохтыры дæсныйад равзæрста гыццылæй. Заремæ йæ дæсныйад бирæ кæй уарзы, уый дызæрдыггаг нæу. Æдзухдæр архайы адæмы æнæниздзинадыл. Йæхиуыл дæр кусы, йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл дæр архайы. Фæлмæн ныхасæй, фæлмæн цæстæнгасæй ракæсы адæммæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый дохтыры дæсныйады у æппæты сæйрагдæр. Айларты Эмилия _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры поликлиникæйы разамонæг Хуыгаты Заремæ йæ дæсныйады уæндон къахдзæвтæ кæны
Категория:
Новости и СМИ