Цæгат Ирыстоны байгом, йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн театралон студи

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны байгом, йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн театралон студи. Æрбынат кодта реабилитацион центр «Алания»-йы. Президенты грант кæй рамбылдтой, уый фæрцы сарæзтой ацы проект. Ныридæгæн студийы архайы 20 сывæллоны. Ныртæккæ æвæрынц спектакль «Ацæмæзы уадындз». Саламты Эльвирæ ацы центрмæ рагæй цæуы. Фæндырæй цæгъды, 5 азы йыл куы сæххæст, уæдæй нырмæ. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ ахуыргæнджытæ разæнгард кæнынц фылдæр æнтыстдзинæдтæм. Ныридæгæн йæ къухы цы бафтыд, уыдон йæ ныййарджытæ æмæ йæ ахуыргæнджыты руаджы. Темырхъанты Тимуры та ацы центрмæ æрбахуыдта йæ мады хо. Йæ сайрагдæр бæллиц у адæмон артист суæвын. Ацы центры ныртæккæ цы спектакль цæттæ кæнынц, «Ацæмæзы уадындз», зæгъгæ, уым йæхи æнтыстджынæй æвдисы. Ацы театралон студийы архайджытæ сты 20 бæрц. Æппæты кæстæрыл цæуы 7 азы, сæ хистæрыл та - 30 азы. Центры цы дæсны ахуыргæнджытæ кусы, уыдон æнæвгъауæй сæ зонындзинæдтæ лæвар кæнынц кæстæртæн. Сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц сывæллæтты барæвдауын, цæмæй сæхи хорз æнкъарой. Æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Цы стыр куыст кæнынц сывæллæттимæ, уый тынг ахсджиаг у. Ахæм хуызы сæ сфæлдыстадмæ разæнгард кæнынц, дæттынц сын алыхуызон зонындзинæдтæ. Æппæты сæйрагдæр у, цæмæй кæстæртæн сæ бæллицтæ сæххæст уой. Ацы центры сын уыцы хъуыддаджы зæрдиагæй аххуыс кæнынц. Айларты Эмилия _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны байгом, йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн театралон студи

Категория:

Новости и СМИ