Cывæллæтты республикон клиникон рынчындоны дохтыртæ Беслæны теракты хъыгдæрд цы сабитæ баййæфтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Медицинон кусджытæ Беслæны трагедийы бонтæ хорз хъуыды кæнынц. 16 азы размæ сæ размæ стыр хæс æвæрд æрцыд - аирвæзын кæнын æмæ цард бахъахъхъæнын. Æхсæвæй-бонæй оперицион хайады. Хъыгдæрд баййафджыты иу минут дæр иунæгæй нæ уагътой, уæдæ фæллад цы уыд, уый дæр нæ зыдтой. Афтæмæй разæнгард кодтой чысыл пациентты дæр, рынчындонæй здæхгæйæ кæцыдæртæ сфæнд кодтой дохтыр суæвын. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны медицинон кусджытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бырнацты Мæдинæ кæсы йæ чысыл пациентты къамтæм. 16 азы рацыд, фæлæ йæ хорз хъуыды кæны, алчидæр дзы куыд фæцæфтæ æмæ цы æфхæрд баййæфта, уый. 2004 азы Бырнацты Мæдинæ уыд Мæскуыйы медицинон институты аспиранткæ. Уыцы иу рæстæг куыста сывæллæтты клиникон рынчындоны. Теракты тыххæй куы фехъуыста, уæд æвæстиатæй йæ райгуырæн республикæмæ сыздæхт. Уыцы æвирхъау рæстæг дохтырты хæс канд медицинон æххуыс бакæнын нæ уыд, фæлæ ма сабитæн æмæ ныййарджытæн ныфс бавæрын. Уæды сабитæй бирæтæн ныр дæр ма дохтыр амынддзинæдтæ дæтты. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны хирургийы хайадмæ Беслæны теракты рæстæг бахауд 200 сабийæ фылæр. Дзукъаты Аслæнбегæй рох нæу, æппæт дохтыртæ дæр æххуыс кæнынмæ кæй фесты, уый. Реанимаци æмæ хирургийы хайæдтæ пациенттæй дзаг уыдысты. Дзукъаты Аслан сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны кусы 20 азæй фылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ теракты бонтæ уыдысты æппæты уæззаудæр. Беслæны скъолайы срæмыгъд кæй æрцыд, уый аххоссæй бирæтæ æвзæр хъусын райдтой. Цориты Земфирæйы ныхæстæм гæсгæ, æрмæст сабитæн нæ кодтой операцитæ. Æдæппæтæй уыцы рæстæг скодтой 40 операцийы. Дохтыртæн алы пациент дæр у ног фæлтæрддзинад. Æппæты зынаргъдæр хæрзиуæг та сын вæййы, адæймаджы цард куы бахъахъхъæнынц, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Cывæллæтты республикон клиникон рынчындоны дохтыртæ Беслæны теракты хъыгдæрд цы сабитæ баййæфтой

Категория:

Новости и СМИ