Мæздæджы районы æххæст кæнынц парти «Иугонд Уæрæсе» йы проект «Городская среда»
«Городская среда» программæ æххæст кæнынц Цæгат Ирыстоны. Аразы йæ парти «Иугонд Уæрæсе». Йæ фæлгæты, Мæздæджы нывыл кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæ. Ног кæнынц рухсдæттæн системæтæ, къахвæндæгтæ, æвæрынц бырондонæ æмæ бадæнтæ. Куыстытæ куыд æххæст кæнынц, уымæ сæ хъус дарынц партийы уæнгтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сын ахсджиагдæр у - цæрджытæ разы сты, æви нæ, уый. Бæлвырддæр радзурдзысты нæ уацхæсджытæ. Мӕздӕджы Кировы номыл кӕрт йӕ хуыз аивта. Фӕндаджы уӕлцъар ӕмраст, ног бордюртӕ, бандӕттӕ ӕмӕ рухс. Арӕзтой сӕ цӕрджыты фӕндонмӕ гӕсгӕ. Проекты арӕзтадмӕ йӕ цӕст дары партийы секретарь Ортабайты Тимур. Октябры 50 азы уынджы дӕр ӕрцыд ивддзинӕдтӕ. Бынӕттон цӕрджыты зӕрдӕмӕ куыстытӕ цӕуынц. Арӕзтады сӕйраг нысан - адӕмӕн удӕнцойдзинад скӕнын. Фиппаинӕгтӕ уайтагъддӕр иуварсгонд ӕрцӕуынц. Зӕгъӕм, ацы кӕрты нӕ фаг кӕнынц ирхӕфсӕн бынӕттӕ сывӕллӕттӕн. Мӕздӕджы ӕрмӕст кӕртытӕ нӕ цалцӕг кӕнынц. Стыр ӕргом здахынц ӕхсӕнадон фӕзтӕм дӕр. Зӕгъӕм Афганистаны хӕсты цы хӕстонтӕ фӕмард, уыдоны номыл мемориалон комплекс. Йӕ цалцӕгӕн рахай кодтой 2 милуан сомы. Ивд ӕрцыдысты къæйдуртӕ, бандӕттӕ, цыртдзӕвӕнтӕм дӕр базылдысты. Дубинины номыл сквер дӕр ивд ӕрцыд, у ӕппӕты стырдӕр сквертӕй иу. Ам дӕр раивтой рухсытӕ, сывӕрдтой бырондӕттӕ, бандӕттӕ. Фӕзынд дзы дидинджытӕн дӕр уӕлӕмхасӕн бынӕттӕ. Иннӕ аз дӕр пъланы ис цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакӕнын. Ныридӕгӕн партийы кусджытӕ горӕт ӕмӕ районы хицауадимӕ нысан кӕнынц цавӕр кӕртытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕзтӕм фыццаджыдӕр хъӕуы базилын, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы æххæст кæнынц парти «Иугонд Уæрæсе» йы проект «Городская среда»
Категория:
Новости и СМИ