«Иры Стыр Ныхас» ы уæнгтæ бабæрæг кодтой Рыны бардуаджы кувæндон Дæргъæвсы
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ бабæрæг кодтой Рыны бардуаджы кувæндон Дæргъæвсы. Уыцы æгъдау баззад фыдæлтæй. Фыднизты фæстиуджытæ иу - хъыгагæн, æрхастой бирæ зиантæ. Уæд иу - адæм кувын райдыдтой уæларвон тыхтæм. Æртыгай чъиритæ æмæ мысайнæгтимæ цыдысты кувæндонмæ, сæхи дæр æмæ сæ сывæллæтты бафæдзæхстой Рыны бардуаджы дзуарыл. Æртæ уæлибæхимæ иу куы скуывтой, уæд иу - низы фыдохæй хызт уыдысты, сывæллæттæ та-иу адзæбæх сты. Коронавирусимæ республикæйы цы уавæр сæвзæрд ууыл æнгомæй сахадын адæммæ сиды Иры «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан дæр. Кучиты Руслан, æппæтадæмон змæлд «Стыр Ныхас»-ы сæрдар: «Уæ хорзæхæй æнгом æрбалæууæм, æнгом æрбалæууæм æмæ нæ зонд баиу кæнæм. Тæссаг уавæр у æмæ гъе уыцы тæссаг уавæры нæ фыдæлтæ-иу кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдысты æнгом æмæ -иу кæрæдзийы бамбæрстой. Кæд-иу иу иуырдæм хъуыды кодта, иннæ - инæрдæм, уæддæр-иу сæ хъуыды баиу кодтой æмæ иу уыцы тæссаг уавæры ныхмæ æрлæууыдысты æмæ-иу йæ сæрты ахызтызты. Абон дæр гъе уыцы уавæр у æмæ уæ хорзæхæй нæхи бахъахъхъæнæм, нæ дохтыртæн дæр баххуыс кæнæм. Ма рацу-бацу кæнæм, улæфæн рæстæг доныбылтыл ма `рвитæм. Алчидæр абон дзуапп дæтты æгас адæмыл дæр. Гъе уый бамбарæм уæ хорзæхæй». Раджы заманты ирон адæмыл хæцгæ низты азарæй цыд стыр бæллæхтæ. Уымæн æвдисæн сты нæ хæхбæсты бирæ зæппадзты гуыппартæ. Бардуагмæ-иу куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт куыд уой. Раздæр Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззагдæр бæрæгбæттæй иу. Æмтгæй райсгæйæ, Æгас Ирыстоны адæм Рыны бардуагæн табу кодтой æмæ дзуары фæтк æгъдаумæ гæсгæ æххæст кодтой æрмæстдæр, адæмыл-иу тæссаг рын куы сыстад, уæд. Куыдзиаты Хъазыбег, Дæргъæвсы цæрæг, дзуары лæг: «Нæ фыдæлтæ, тыхст заман сыл скодта, мæнæ дзæппазтæ дæр гъе уырдыгæй равзæрдысты, мæ дзæппазтæ канд ам нæй, уæлæ Джимарайы дæр, Хъахъхъæдуры дæр, Хуссары Хынцæджы дæр. Тыхст рæстæг уыдис, куывтой æмæ ам алы дзуарæн дæр `вæццæгæн йæхи нысан, йæхи мидис ис. Гъер уацилла, Хуыцауы Дзуар. Уæд нæ фыдæлтæ дзуары лæгтæ баныхас кодтой - скæнæм нæхицæн кувæндон, зæгъгæ. Рæгъаумæ ссыдыдсты æмæ сæи гъе уым иу гал рацыдис, гъер æй куыд дзурынц афтæ, уый сæрды уыд, тæвд рæстæг. Уыцы тæвд рæстæг нæдæр доныбыл, нæдæр уæртæ аууоны фæлæ мæнæ ацы тæпъæны, ам æрхуыссыдис. Гъе уæд, уый адыл ацы дзуар равзæрд æмæ йæм гъе уæдæй нырмæ кувæм. Ныртæккæ æнæхъæг дуне дæр тæрсы, гъе уыцы хæцгæ низæй æмæ ахæм арфæ ракæнæд æмæ Ирыстоны адæм кæмдæриддæр сты, Нæ гыццыл Ирыстон гъе уыцы низæй хызт куыд уой ацы бардуаг сын ахæм арфæ ракæнæд». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Иры Стыр Ныхас» ы уæнгтæ бабæрæг кодтой Рыны бардуаджы кувæндон Дæргъæвсы
Категория:
Новости и СМИ