Цæгат Ирыстоны кусынц фыдыбæстæйы стыр хæстимæ баст цыртдзæвæнты сæрмагонд картæйыл
Фыдыбæстæйы Стыр Хæстимæ баст бынæтты нымæцон картæйыл кусынц Цæгат Ирыстоны. Уæрæсейы Федерацийы Советы цур æрыгон закъонæвæрджыты палатæйы уæнгтæ æмбырд кæнынц цыртдзæвæнты тыххæй информаци. Се 'хсæн обелисктæ, стеллæтæ, мемориалон фæйнæджытæ, æнусон арт, æфсымæрон ингæнтæ. Информаци бахæсдзысты сæрмагонд федералон базæмæ. Куыст æххæст кæнынц «Цифровая звезда» проекты фæлгæты. У Уæрæсе æмæ Белоруссийы иумæйаг проект. Бæлвырддæр радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы ном айхъуыст канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт дунейыл дæр. Хъæбатыры цыртдзæвæн у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъаудæртæй иу. Мæйы дæргъы палатæйы уæнгтæ æмбырд кодтой æрмæг мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнты авторты тыххæй. Сбæрæг сын кодтой сæ уавæр æмæ арæзт кæд æрцыдысты, уый. Куысты иннæ къæпхæны арæзт æрцæудзæн онлайн-картæ. Ссарæн дзы уыдзæн объекттæ Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы алы регионты дæр. Проектыл бакусынæн æрыгон закъонæвæрджытæ сарæзтой сæрмагонд сайт "Звезда", зæгъгæ. Бонæй-бонмæ сайты пайдагæнджыты нымæц кæны фылдæр. Се 'хсæн сты фæсивæд дæр. Проекты аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, сæ сæйрагдæр хæс у - æрыгон фæлтæрмæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты тыххæй информаци бахæццæ кæнын. Тугкалæн хæсты Фыдыбæстæйы сæраппонд чи тох кодта, уыдоны нæмттæ бахъахъхъæнын. Æдæппæтæй сайты ссарæн ис 125 мин мемориалы тыххæй информаци. 400 дзы сты Цæгат Ирыстоны. Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст бынæттæ нымæцон хуызмæ кæнынц проект «Цифровая звезда»-йы руаджы. Проект саразыны уынаффæ рахастой Уæлахизы 75-азы юбилейы фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны кусынц фыдыбæстæйы стыр хæстимæ баст цыртдзæвæнты сæрмагонд картæйыл
Категория:
Новости и СМИ