Дзæуджыхъæ уы бацæттæ кодтой ахуырадон лагерь
«Зондджын каникултæ». Ахæм сæргондимæ ахуырадон лагерь бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы хибар куыстуæттæй иуы. Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг ам къуыри 5 боны сывæллæтты ахуыр кæнынц уырыссаг æвзаджы лыстæгдзинæдтыл. Растфыссынад æмæ дикцийыл. Ахуыртæ сын амонынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Иу къорды ахуыртæ аххæсынц æртæ къуырийы. Лагеры кадджын уавæры абон рауагътой æртыккаг къорд. Кады гæххæттытæй схорзæхджын кодтой, хорз зонындзинæдтæ чи равдыста, уыцы сывæллæтты. Фидæны ахуырадон программæмæ фæнд кæнынц бафтауын ирон æвзаг дæр. Фæнысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ ацы лæггæдтæ сты лæвар. Лагеры сæ сывæллæтты зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæнын ныййарджытæн сæ бон уыдзæн сæрды кæронмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv