Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты райдыдтой трамвайы æфсæнвæндæгтæ цæлцæг кæнын
Къостайы номыл проспекты трамвайы æфсæнвæдаг ивын райдыдтой. Фыццаджыдæр, æмбæлгæ уагыл рацараздзысты шпалæтæ æмæ хуырӕй къæлæт. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, зæронд рельсытæ ныззаууат сты. Сæ уавæр пассажиртæн у тӕссаггомау. Цы куыстуат æххæст кæны ацы куыстытæ, уый кусджытæ сты фæлтæрдджын, куыд цалцæггæнæн, афтæ арæзтадон куыстыты. Ног къуыри аварион фæндæгты цалцæггæн куыстытæ райдайдзысты Баситы Чабæханы æмæ Баййаты Гаппойы номыл уынгты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv