Сæрмагонд проекты фæрцы дарддзæф хъæуты цæрджытæ истой лæвар медицинон æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Нæ республикæйы дæрддзæф хъæуты цæрджытæн сæ бон у райсын лæвар стоматологон æххуыс. Проект «Выездная стоматология»-йы фæлгæты дæндæгты дохтыр Джиголаты Эдуард гранты фæрцы ныр дыууæ азы æххæст кæны ацы проект. Ис ын æххуысгæнджытæ дæр. Уыдон лæвар дзæбæх кæнынц цæрджыты дæндæгтæ. Сæ лæггæдтæй пайда кæнынц æххуысцух æмæ йе`нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдон. Цавæр фæндтæ ма сæм ис, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Уататы Каринæйыл цæуы 7 азы, ныридæгæн æй бахъуыд дæндæгты дохтыры æххуыс. Ныфсджынæй бады дохтыры кабинеты. Гыццыл чызг æй бæлвырд зоны, дæндæгтæ куы риссой, уæд, æнæмæнг, хъæуы дохтырмæ цæуын кариес сдзæбæх кæнынмæ, уыимæ, дæндæгтæм куыд зилын хъæуы, уый тыххæй пайдайаг информаци базонынмæ. Проект «Выездная стоматология» фæлгæты Фыййагдоны балæууыд стоматологон дохтырты къорд, сæ сæргъы Джиголаты Эдуард, афтæмæй. Фыййагдоны цæрджытæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Джиголайы фыртыл Цæгат Ирыстоны алы хъæуы дæр æхсызгонæй æмбæлынц. Дыууæ азы размæ Эдуард рамбылдта грант, æмæ уый фæрцы æххæст кæнын райдыдта «Стоматологическое здоровье», зæгъгæ, проект. Йæ фæлгæты-иу бабæрæг кодта хохаг дæрддзæф хъæуы амбулаторитæ, уым лæвар æххуыс кодта æххуысцух æмæ йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæн. Ныридæгæн Эдуардмæ фæзынд фæсивæдон форуммæ ацæуыны хъуыды, æмæ ма ноджы иу грант рамбулын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, ахæм æххуыс бирæты хъæуы, æмæ хъуыддагæн æрлæууæн нæй, уыимæ йæ хъæуы апарахат кæнын фылдæр хъæутæ æмæ районтыл. Тагъд рæстæджы йæ фæнды ацы хæрзаудæн мадзалы фæлгæты йæ фæнды сыхаг регионтыл дæр акæнын. Гæззаты Зæринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv