Уæллаг Фыййагдоны национ проект «Горæты æнцонвадат царды архайд»-ы фæлгæты саив кодтой 5 кæрты
Фыййагдон æнтыстджынæй архайы национ проектты. Аразынц дзы, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Проекттæй иу — «Горæты æнцонвадат царды архайд». Фыййагдон йæ хыгъды ис ныр 3 азы. Уыцы рæстæгмæ саив кодтой цалдæр бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Фыййæгдоны бирæфатерон хæдзæртты цæрджыты зæрдæтæ райынц. Кæрты байтыдтой ног асфальт. Фæзынд дзы аив бандæттæ. Уæдæ сæ бырон кæм æмбырд кæной, ахæм урнæтæ дæр дзы ныр ис. Аразджытæ æппæт куыстытæ дæр баххæст кодтой бæстонæй. Дзуапп дæттынц сæрмагонд домæнтæн. Хæдзæртты цæрджытæ сæ аив кæртыл цин кæнынц. Сты стыр бузныг. Фыййагдон национ проектты фыццаг аз нæ архайы. Зæгъæм, «Горæты æнцонвадат царды архайды» программæ уырдæм бахауд æртыккаг хатт. Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæгмæ бирæ хъуыддæгтæ саразын бантыст. Æмткæй райсгæйæ, саив кодтой 5 хæдзары кæрты. Фыццаджыдæр, программæмæ бахæссынц, заууат уавæры, чи ис, уыцы объекттæ. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæллаг Фыййагдоны национ проект «Горæты æнцонвадат царды архайд»-ы фæлгæты саив кодтой 5 кæрты
Категория:
Новости и СМИ