Азовы цæрæг Надежда Бойко ссæрда йæ хæстон фыды ингæн цæгат

Цæргæ бонты Надеждæ Бойко агуырдта йæ фыды. Зоны йæ рæмæст хуызистмæ гæсгæ, йæ мысинæгтæ та сты æрмæст йæ хиуæтты ныхæстæм гæсгæ. Фыдыбæстæйы стыр хæстмæ Александр Лавриченко куы ацыд, уæд Надеждæйыл 5 азы дæр нæма цыд. Бинонтæ алы бон дæр æнхъæлмæ кастысты, фæлæ дзы фыстæг дæр нал райстой. Æрмæст базыдтой кæй фæмард 1942-æм азы. Уæдæй нырмæ та - æнхъæлмæ кастысты. Хæрзæрæджы та газетæй базыдтой Азоваг лæппу Александр Лавриченко хъæбатырæй кæй фæмард Цæгат Ирыстоны зæхх хъахъхъæнгæйæ. Æмæ уæд хæстоны чызг райдыдта агуырын йæ фыды ингæн. "Газеты йæ рауагътой æмæ йæ ссардтам. Кæй зæгъын æй хъæуы, хорз адæм нын баххуыс кодтой, æмæ мæ хъæбулы хъæбулы æххуысæй. Мæхи бон ницы бауыдаит, уымæн æмæ мыл азтæ рацыд, фæлæ йæ цæргæ бонты агуырдтон. Мæ мад æмæ фыдæн æз уыдтæн 7-æм сывæллон, ныр ма иунæгæй баззадтæн".  Агурæн куыстытæ райдыдта йæ хъæбулы хъæбул Иринæ. Уый фæсидт историкмæ. Æмæ уый сбæлвырд кодта кæцы ран ис ингæн. 16 сахаты æмæ Александр Лавриченкойы фæдонтæ æрлæууыдысты Ирыстоны зæххыл. "Гыццыл чызгæй нырмæ бæллыд мæ нана йæ фыды ссарынмæ. Бæллицтæ та хъуамæ æххæст кæной. Æмæ хæлар зæрдæ адæмы 'руаджы сæххæст". Куыд зонæм афтæмæй 1942 азы ам цыд карз тох, ныккалд дзы бирæ туг, фæлæ знаг саст æрцыд. Сæдæгай уæрæсейаг лæппутæ æнустæм баззадысты ацы зæххыл, уыдонимæ æфсымæрон ингæны ныгæд æрцыд Александр Лавриченко. Йæ номыл Иринæ скодта номарæн фæйнæг æмæ ныр нысан кæны йæ нанаимæ, æдзард хæстоны чызг Надеждæимæ алы аз кæй бæрæг кæндзысты сырхæфсæддонты æфсымæрон ингæн

Иконка канала IRYSTONTV
1 449 подписчиков
12+
14 просмотров
8 дней назад

, чтобы оставлять комментарии