Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы æрымысыдысты, Афганистаны хæсты чи фесæфт, уыцы рауагъдонты
Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы æрымысыдысты, Афганистаны хæсты чи фесæфт, уыцы рауагъдонты. Фæнысан сæ кодтой Сырх стъалыйы ордентæй. Мысæн мадзалы сæйраг хæс у – фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылад. 2018 азæй ацы бон æрымысынц Калоты Георгийы дæр. Техникумы рауагъдон, Георгий у дыууæ хатты Сырх стъалыйы орденæй хорзæххгонд. Ахуыргæнæндон хæссы йæ ном. Уыимæ ма, техникумы ис хъæбатырты кадæн мемориалон фæйнæг. Æфсæддон-патриотон клубы хъæппæрисæй техникумы снысан кодтой сæ номыл стипендитæ. Æрвылаз сæ исынц «Афæдзы хуыздæр студент», зæгъгæ, æркасты уæлахиздзаутæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы æрымысыдысты, Афганистаны хæсты чи фесæфт, уыцы рауагъдонты
Категория:
Новости и СМИ