2016 адæймаджы рынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны ацы сахатмæ у 2 016. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 73 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтæн медицинон æгъдауæй æххуыс кæнынц дохтыртæ. Лæмбынæг цæстдард цæуы, рынчынтæ хæстæг кæимæ æмбæлыдысты æмæ ныхас кæимӕ кодтой, уыдонмæ дæр. Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 14 адæймаджы. 903 коронавирусæй сдзæбæх сты. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 618 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та - 4 189 адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2016 адæймаджы рынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ