Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сарæзта сæрмагонд æмбырд
Коронавирусы уавæрмæ Цæгат Ирыстоны сæрмагонд цæстдард цæуы. Уый тыххæй кусгæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй æхсæнадон барадхъахъхъæнынадыл æмæ цæрджыты æдасдзинадыл уæлæмхасæн мадзæлттæ хорзырдæм фæбæрæг сты. Ныхас кодтой коронавирусы хæцгæниз парахат кæнын ма руадзыны ты Дзæуджыхъæуы цы æнæзакъон акци сарæзтой, уый фæдыл кусы слестгæнæн комитетххæй, Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ Битарты Вячеславы бардзырдтæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Ахсджиаг у цæрджытимæ фылдæр ныхас кæнын, цæмæй хииппæрддзинады фæткы æмæ карантины домæнтæ кæронмæ æххæст кæной. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, æххуысцух бинонтæн æмбæлгæ социалон æххуыс кæй кæнынц æмæ дарддæр дæр афтæ кæй архайдзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сарæзта сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ