Нæ бæстæйы сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны бон уыдзæн 1-æм июлы
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны процедурæйы сæйрагдæр уыдзæн æдасдзинад. Уый тыххæй фæнысан кодта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Пандемийæйы рæстæг æвзæрстытæ куыд ацæудзысты уый тыххæй радзырдта журналисттæн. Алы æвзарæн хайады дæр дыууæ хатты кæндзысты дезинфекци, уымæй уæлдай хъæлæсгæнæн пунктты лæвар дæтдзысты хи бахъахъхъæнынæн фæрæзтæ. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны байгом уыдзæн 363 æвзарæн пункты. Схъæлæс кæнынмæ хуынды гæххæттытæ коронавирусы аххосæй хæдзæрттыл нал уардзысты. Сæрмагонд информаци хъусын кæндзысты дзыллон информацион фæрæзтæй пайда кæнгæйæ. Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны бон уыдзæн 1-æм июлы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нæ бæстæйы сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны бон уыдзæн 1-æм июлы
Категория:
Новости и СМИ