Амалхъомады фыццаг хатт йæхи чи фæлвары, 12 ахæм адæймаджы райсдзысты паддзахадон æххуыс
Амалхъомады фыццаг хатт йæхи чи фæлвары, 12 ахæм адæймаджы райсдзысты паддзахадон æххуыс - фæйнæ 250 мин сомы. Æхцайы фæрæзты руаджы сæххæст кæндзысты сæ бизнес-проект. Конкурс арæзт уыд республикон бюджеты фæрæзтæй, ныридæгæн цыппæрæм хатт. Йæ архайджытæм ис сæрмагонд домæнтæ: паддзахадон регистраци æмæ æппынкъаддæр иу афæдзы дæргъы архайд хъуамæ цæуа. Цæгат Ирыстоны. Бизнесментæ хæсджын хъуамæ ма уой, уыимæ хъалонтæ фидой фæткмæ гæсгæ. Уый хыгъд, æхцайы фæрæзтæ райсдзысты, проектыл хи фæрæзтæй 50% чи схардз кодта, уыдон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Амалхъомады фыццаг хатт йæхи чи фæлвары, 12 ахæм адæймаджы райсдзысты паддзахадон æххуыс
Категория:
Новости и СМИ