Куыстуат «Благодать» президенты грантты фонды руаджы нæ республикæйы аразы дæсныйад æвдисæг ахуыртæ
Арæхстджын æрмдæсныты бацæттæ кæнын сфæнд кодтой «Национ æрмгуыстгæнджыты дæсныйад сæндидзын» проекты аразджытӕ. 97 адæймаджы сæхи бавзардзысты хус æмæ хуылыдз нымæт кæнынад, уыимæ кæлмæрзæнтæ бийыны хъуыддаджы. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæ ныр райдыдтой. Проекты архайынц «Ирыстоны нымæты национ скъола» æмæ æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы минæвæрттæ. Традицион æрмадзтæ федта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ. 20-æм æнусы райдианы дæр ма Ирыстоны къуымбилимӕ архайын алы сылгоймаг дæр зыдта. Быдтой уæлæдарæс, цагътой нымӕт, ӕлвыстой, ӕмӕ кодтой алыхуызон дзаумæттæ. Нырыккон рæстæджы ацы куыст рохуаты баззад. Фæсивæдæй бирæтæ нымæт цæгъдын цы у, уый зонгæ дæр нæ кæнынц, чидæр та йыл ахуыр кæнын райдыдта ӕрӕджы. Ныридæгæн нæ республикæйы районты нымæтын дзаумæттæ кæнынæй аразынц дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Беслæны культурæйы галуанмæ сæм æрбацыд 19 адæймаджы. Ирина Рубцова адæмон аивадон æрмдæсныйады куыст кæны бирæ азты дæргъы. Ирыстонмæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæ аразынмæ æрцыди Петербургæй. Куыд зæгъы, афтæмæй 10 азы размæ дуканийы федта къуымбилы хъулон тыхтонтæ æмæ йæ бафæндыд уыдонæй исты сфæлдисын. Афтæ райдыдта нымæтын дзаумæттæ аразын. Æртæ боны дæргъы адæмы ахуыр кæнынц алыхуызон цымыдисаг дзаумæттæ аразыныл. 1-аг бон сахуыр вæййынц бийын хызынтæ, дыккаг бон нымæтхуд, æртыккаг бон та хæдзарон дзабыртæ. Беслæны цы ахуыртæ ацыд, уым бацархайдтой Беслæны мадæлтæ дæр. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæ нæ республикæйы 7 районы аразы хи сæрмагонд-культурон куыстуат «Благодать» сӕ проект «Национ æрмгуыстгæнджыты дæсныйад сног кæнын»-ы фæлгæты. Йæ разамонæг - Бзарты Аланæ. Ацы хъуыддаг сæ къухы бафтыд Президенты грантты фонды руаджы.Йæ сæйраг нысан - нымæт цæгъдын æмæ цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын чи зоны, ахæм сылгоймæгты нымæц фæфылдæр кæнын. Нымæт цæгъдын æмæ цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын нæ республикæйы традицион сты. Уымæ гæсгæ проект хъуамæ сахуыр кæной 525 адæймагæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыстуат «Благодать» президенты грантты фонды руаджы нæ республикæйы аразы дæсныйад æвдисæг ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ