Туристты удæнцойдзинадæн нæ республикæйы саразын хъæуы æмбæлгæ уавæртæ
Туристты удæнцойдзинадæн нæ республикæйы саразын хъæуы æмбæлгæ уавæртæ. Бæстон инфраструктурæйы арæзтады тыххæй Битарты Вячеслав ныхас кодта вице-премьер Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмæ туризмы комитеты сæрдар Кодзаты Зауырбегимæ куыстадон фембæлды рæстæг. «Туризм и индустрия гостеприимства», зæгъгæ, нацпроекты тыххæй загътой сæ хъуыдытæ. Проект арæзт у æртæ хайæ. Битарты Вячеслав бабар кодта хъæугæ документтæ бацæттæ кæнын. Уымæй уæлдай бæлццæтты сцыбæл кæнынмæ федералон каналты æмæ социалон хызæгты Цæгат Ирыстон хъæуы фылдæр аив хуызы æвдисын. Уымæн дæр æхцайы фæрæзтæ ссардзысты. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, туристтæн æдасæй æмæ пайдаимæ баулæфынæн фадæттæ аразын хъæуы æвæстиатæй. Кодзаты Зауырбег фæнысан кодта, ацы хъуыддаджы сæйрагдæр кæй у лæггæдты хъæрзхъæддзинадыл кусын. Зæгъæм, туристтæн цымыдисаг цы бынæттæ сты, уыдон сæ бон хъуамæ уа æнцонæй фенын. Хъуамæ дзы транспортимæ къуылымпытæ ма `ййафой. Уæдæ стыр ахадындзинад ис фæндæгты былтыл хъæугæ лæггæдтæн дæр. Туристтæн уарзондæр бынæттæй фондзы уыдзæн арæзт сæрмагонд санитарон бынæттæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ республикæ рæхджы архайдзæн Уæрæсейы егъаудæр туристон форумы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Туристты удæнцойдзинадæн нæ республикæйы саразын хъæуы æмбæлгæ уавæртæ
Категория:
Новости и СМИ