Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта республикæйы хицауады æмбырдæн
Æрдзон газ хæдзæрттæм лæвар бауадзыны фæдыл республикæйы снысан кæндзысты сæрмагонд штаб. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады радон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Тускъаты Таймураз. Ныртæккæ кусынц газиæй ифтонгады финансон моделыл. Æдæппæттæй Цæгат Ирыстоны æрдзон газ цух сты 10 мин хæдзарæй фылдæр. Æмырды архайджытæ ма æрныхас кодтой цæрджыты æппæтуæрæсеон рафыстыл дæр. Ацæудзæн отябры. Йæ хатдзæгты бындурыл снысан кæдзысты социалон-экономикон æмæ демографион политикæты программæ. Тускъаты Таймураз бахæс кодта цæттæгæнæн мадзæлттæ фæтагъддæр кæнын æмæ афоныл хатдзæгтæ скæнын. Æмбырды ма ныхас ма цыд æнæкоммерцион организацитæн субсидæтæ дæттыны фарстайыл. Æнæкоммерцион организацитæ бакусдзысты сæрмагонд проекттыл. Уымæ гæсгæ архайдзысты бархионты змæды райрæзтыл. Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты разамонæг Джусойты Русланы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддагæн федералон бюджетæй рахай кодтой 3 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv