Цæгат Ирыстоны тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй
Цæгат Ирыстоны тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй. Ахæм уавæр ахæсдзæн 25-æм октябры онг. Снысан ын кодтой зынгсирвæзтытæй тæссагдзинады 4-æм къæпхæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон хайадæй. Профилон министрады кусджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, тамакойы дымæггæгтæ æмæ æндæр ахæм тæссаг хауæццæгтæ кæй расайынц æрдзон фыдбылызтæм. Нæй хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн, тамакойы дымæггæгтæ калæн. Хъуамæ бæлæстæм хæстæг кæнæ хус быдырты цур ӕртытӕ конд ма цæуой. Фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæнын хъæуы сæрмагонд номыр 01-мæ, чырæ телефонæй «101» кæнæ «112» номыртæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй
Категория:
Новости и СМИ