Дзæуджыхъæуы уынгты канализацийы уавæрмæ кæсынц специалисттæ
«Владсток»-ы специалисттæ Дзæуджыхъæуы æппæты дæргъвæтиндæр уынгты сбæрæг кодтой, къæвдайы дон кæуылты хъуамæ цæуа уынгтæй, уыцы канализацийы хæтæлты уавæр. Арæх вæййы, æмæ доны лæсæнты аххосæй быронæй байдзаг вæййынц. Барбашовы номыл уынгӕй Хæдарцаты номыл уынджы онг цы хæтæлтæ ис, уыдон бирæ рæстæг уыдысты зæрдæхсаинаг уавæры. Цæмæй дзы дон, куыд æмбæлы афтæ лæдæрса, уый тыххæй цæуынц цалцæггæнæн-сыгъдæггæнæн куыстытæ. Ивынц люктæ æмæ æфсæйнаг хызæгтæ. Куыстытæ ма цæуынц Леваневскийы номыл уынджы дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы уынгты канализацийы уавæрмæ кæсынц специалисттæ
Категория:
Новости и СМИ